4 Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой.
Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта.
уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».
сӕ хистӕр — Ахиезер, стӕй Йоаш, гевӕйаг Шемайы фырттӕ; Йезиел ӕмӕ Пелет, Азмаветы фырттӕ; Бераха, анатотаг Йегу;
Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.
Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.
Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут.
Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.
Дунедарӕджы зӕд израилӕгтӕн уыдӕттӕ куы загъта, уӕд адӕм иууылдӕр хъӕрӕй ныккуыдтой.
Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»
Уӕд израилӕгтӕ, се ’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.
Уый фӕстӕ адӕм ацыдысты Вефилмӕ ӕмӕ бон-изӕрмӕ Дунедарӕджы раз хъӕрӕй фӕкуыдтой. Уыдон дзырдтой:
Саул дӕр йӕ хӕдзармӕ, Гевӕйы сахармӕ, ацыд. Йемӕ ацыдысты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдис, уыцы хъӕбатыртӕ дӕр.
Ныр Саул та Гевӕйы арӕныл, Мигроны, ӕрлӕууыди гранат бӕласы бын. Йемӕ уыд иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.
Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ.
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрдиаг кодтой ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕ хъару басаст, уӕдмӕ.