Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фӕлӕ Саул загъта: «Ацы бон никӕй хъӕуы марын — абон Дунедарӕг уӕлахиз радта Израилӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 11:13
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ын дзуапп радта: «Цы мӕ агурут, Церуайы фырттӕ? Мӕ фӕндагыл цӕхгӕрмӕ цӕмӕн ныллӕууыдыстут? Ахӕм бон марыны тӕрхон скӕнӕн куыд ис Израилы? Израилы паддзах кӕй дӕн, уый та ныртӕккӕ мӕхи цӕстӕй куы уынын!»


Ӕмӕ загъта паддзах Шимийӕн: «Нӕ амӕлдзынӕ». Ӕмӕ йын ард бахордта.


фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой,


Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.


Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ