Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 11:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уымӕй иу мӕй фӕстӕдӕр аммонаг Нахаш йе ’фсадимӕ ӕрбабырста ӕмӕ ӕрхъула кодта Галаады сахар Иавешыл. Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Цӕдис скӕн немӕ, ӕмӕ дӕ дӕлбартӕ уыдзыстӕм».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 11:1
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ аммонаг паддзах амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт Ханун.


Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ.


Давид Маханаиммӕ куы бацыд, уӕд Нахашы фырт Шови, аммонаг Раввайы сахайраг, Аммиелы фырт Махир, Ло-Девары сахайраг, ӕмӕ галаадаг Барзиллай, Рогелимы сахайраг,


Давид галаадаг Иавешы цӕрджытӕм лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй сын зӕгъой: «Дунедарӕг уын арфӕ ракӕнӕд, уӕ паддзах Саулыл афтӕ иузӕрдион кӕй разындыстут ӕмӕ йын йӕ мард кӕй бавӕрдтат, уый тыххӕй.


Бен-Хадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы сахартӕ байста, уыдоны дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Дамаскы дӕр дӕхицӕн базарадон бӕстыхӕйттӕ скӕн, кӕддӕр мӕ фыд йӕхицӕн Самарийы куыд скодта, афтӕ». Ахав ын дзуапп радта: «Ууыл уал бафидауӕм, стӕй дӕ ауадздзынӕн». Ӕмӕ куы бафидыдтой, уӕд ӕй ауагъта.


Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый,


ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй фӕдисы ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ Иавешмӕ ӕрбахастой. Се стджытӕ сын Иавешмӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.


Йе уӕнгты тыххӕй ӕнӕ зӕгъгӕ нӕ фӕуыдзынӕн: хъаруйӕ ӕххӕст сты, кондӕй — рӕсугъд.


Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд.


Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй,


Моавы, Аммоны, Едомы ӕмӕ иннӕ бӕстӕты цы иудейӕгтӕ цардысты, уыдон дӕр фехъуыстой, Вавилоны паддзах адӕмы иу хай Иудейы бӕстӕйы кӕй ныууагъта ӕмӕ сын Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы, хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый.


ӕмӕ йын загътой: «Ау, нӕ йӕ зоныс, аммонӕгты паддзах Баалис Нетаниайы фырт Измаелы дӕу амарынмӕ рарвыста, уый?» Фӕлӕ сыл Ахикамы фырт Гедалиа нӕ баууӕндыд.


Ныр паддзахы мыггагӕй та равзӕрста ӕндӕры, йемӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ йын ард бахӕрын кодта. Стӕй йемӕ акодта уыцы бӕстӕйы тыхджынты,


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр,


Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ израилӕгтӕм аммонӕгтӕ ӕрбабырстой.


Кӕрӕдзийы фарстой: «Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацыди, ахӕм ис?» Фӕстагмӕ рабӕрӕг ис, уыцы ӕмбырды Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, кӕй ничи уыди, уый.


Фӕлӕ аммонаг паддзах Нахаш уӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы“, афтӕмӕй та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг у уӕ паддзах.


Саул Израилы ӕрфидар кодта йӕ паддзахдзинад ӕмӕ йӕ алфамбылай знӕгтӕй алкӕимӕ дӕр хӕцыди: тох кодта моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, едомӕгтӕ, Цовайы паддзах ӕмӕ филистимӕгтимӕ. Кӕдӕмдӕриддӕр-иу бабырста, уым-иу фӕуӕлахиз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ