Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 10:5
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта.


Йерихоны пехуымпартӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Илийайы монӕй схайджын ис Елисей». Йӕ размӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.


Елисейы размӕ Вефилы пехуымпартӕ рацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!»


Елисейы размӕ рауадысты сахары пехуымпартӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!»


Сӕ фӕдыл цыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз пехуымпары ӕмӕ адонӕй дӕрддзӕф ран ӕрлӕууыдысты Иорданы былгӕрон.


Ныр мын фӕндырдзӕгъдӕгмӕ фӕдзурут!» Фӕндырдзӕгъдӕг хъисынӕй куы ’рцагъта, уӕд Елисейыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд,


Елисей дӕр аздӕхти Гилгалмӕ. Уӕд уыцы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уырдыгон пехуымпартӕ Елисеймӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уый йӕ лӕггадгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Стыр аг бауӕларт кӕн ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп афыц!»


Пехуымпартӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ иумӕйаг цӕрӕн агъуыст нын ӕгӕр къуындӕг сси,


Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз.


Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Хуыцауы раз фыр цинӕй кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ цагътой хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй.


Хуыцауы кадӕн Хеман ӕмӕ Йедутун зарыдысты; хӕтӕлтӕй, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕгъдӕнтӕй цагътой. Йедутуны фырттӕ та уыдысты дуаргӕстӕ.


Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,


Уый сиды арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ — Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ:


О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы, абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау.


Тырнут уарзӕгойӕ цӕрынмӕ, ӕнувыдӕй архайут, Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕ райсыныл, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕныныл.


Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта.


Зӕгъдзысты дын салам, дӕтдзысты дын дыууӕ дзулы, ӕмӕ-иу сӕ райс.


Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.


Ионатан ныддӕрӕн кодта, филистимӕгтӕн Гевӕйы цы ӕфсады къорд лӕууыд, уый, ӕмӕ филистимӕгтӕн уыцы хабар сӕ хъустыл ӕрцыд. Ныр Саул та ӕгас бӕстӕйыл сыкъауадындзӕй ныууасын кодта ӕмӕ фӕсидт: «Фехъусӕнт дзуттӕгтӕ!»


Ӕмӕ Саул йӕ чапарты арвыста Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыдон пехуымпарты къорды, Самуел сӕ сӕргъы, афтӕмӕй пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд схайджын сты Хуыцауы Удӕй ӕмӕ уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.


Уыдон дзуапп радтой: «Ам ис. Ӕмраст ацӕут. Ӕрмӕст тагъддӕр. Абон ӕрбацыди сахармӕ, уымӕн ӕмӕ адӕм абон уӕлӕ кувӕн къуыбырыл нывонд хӕссынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ