4 Зӕгъдзысты дын салам, дӕтдзысты дын дыууӕ дзулы, ӕмӕ-иу сӕ райс.
Уыйадыл уыцы лӕгтӕ Михайы хӕдзармӕ, ӕрыгон левит кӕм цардис, уыцырдӕм фӕзылдысты, бацыдысты мидӕмӕ ӕмӕ левитӕн салам радтой.
Уырдыгӕй ацӕудзынӕ дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Фаворы Тулдзмӕ. Уым дыл амбӕлдзысты Вефилы кувӕн къуыбырмӕ, Хуыцаумӕ цӕуӕг ӕртӕ лӕджы. Иумӕ дзы уыдзӕнис ӕртӕ сӕныччы, иннӕмӕ — ӕртӕ дзулы гуыдыны, ӕртыккагмӕ — сӕны лалым.
Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй.
Йессей хӕрӕгыл сӕвӕрдта дзултӕ, сӕны лалым, равзӕрста иу сӕныкк ӕмӕ сӕ йӕ фырт Давидимӕ Саулӕн арвыста.