22 Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы ’хсӕн бамбӕхсти».
Фӕлӕ фырттӕ йӕ гуыбыны кӕрӕдзийы схойын райдыдтой, ӕмӕ загъта: «Сомбон дӕр кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕуой, уӕд мӕ цард цы у?» Ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ ацыди.
Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».
Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».
Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»
Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».
Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»
йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн».
Уӕд Бениамины хӕдзарвӕндагмӕ фӕсидти мыггаггай, ӕмӕ схаудта Матрийы мыггаджы хал. Матрийы мыггаджы лӕгты ӕрбакодтой, ӕмӕ схаудта Кишы фырт Саулы хал. Саулы агуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой.
Саул бафарста Хуыцауы: «Филистимӕгты фӕдыл абырсон? Израилы къухтӕм сӕ ратдзынӕ ӕви нӕ?» Фӕлӕ йын Хуыцау уыцы бон ницы дзуапп радта.
Самуел зӕгъы: «Кӕд дӕхи цӕсты ницы уыдтӕ, уӕддӕр Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ сӕргъы нӕ лӕууыс, ӕви? Дунедарӕг дӕ Израилӕн байсӕрста паддзахӕй.
Ахимелех Дунедарӕджы бафарста, Давид куыд хъуамӕ бакӕна, уымӕй, ӕмӕ йын радта фӕндаггаг, стӕй филистимаг Голиафы кард».
Давид Саулы фыдвӕнд куы базыдта, уӕд фӕдзырдта сауджын Авиафармӕ: «Рахӕсс-ма ефод».
ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».
Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?»