Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 10:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе ’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 10:19
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ аммонаг паддзах Нахаш уӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы“, афтӕмӕй та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг у уӕ паддзах.


Адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой Самуелы ныхӕстӕ. Загътой: «Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы!


Израилы хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


«Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс,


фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ хъӕлӕсӕй кӕлын байдайа ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын райдайат, уӕдмӕ! Уый уын, уе ’хсӕн Чи ис, Уыцы Дунедарӕгыл уӕхи кӕй атигъ кодтат, Йӕ разы кӕй дзынӕзтат ӕмӕ, Мысырӕй цӕмӕн рацыдыстӕм, зӕгъгӕ, кӕй хъуыр-хъуыр кодтат, уый тыххӕй».


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат, куы дзы ӕрбынӕттон уат ӕмӕ куы зӕгъат, нӕ алыварс адӕмтау махӕн дӕр паддзах куы уаид, зӕгъгӕ,


Гедеон не сразы ис: «Ӕз сымахӕн паддзахӕй нӕ ныллӕудзынӕн, стӕй мӕ фырт дӕр сымахӕн хицау никуы уыдзӕн. Дунедарӕг уӕд уӕ паддзах».


Самуел фӕсидти Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм. Сӕппӕрстой хӕлттӕ, ӕмӕ схаудта Бениамины хӕдзарвӕндаджы хал.


Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


Уӕд Саул загъта: «Ардӕм-ма рацӕут, адӕмы хицӕуттӕ, уе ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, абоны тӕригъӕд цӕй мидӕг ис, уый!


Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм Дунедарӕг Йӕхи дарддӕр дӕр ӕргом кодта Силомы.


Самуелы дзырд ахадыдта ӕппӕт Израилы дӕр. Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Израилимӕ схӕцынмӕ. Израилӕгтӕ дӕр рацыдысты сӕ ныхмӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Евен-Езеры рӕбын. Ныр филистимӕгты рӕсӕнуат та Афекы цур уыди.


Загътой йын: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндагыл лӕуд не сты. Гъемӕ, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ махӕн дӕр нӕ сӕргъы паддзах сӕвӕр, ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ