17 Самуел Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта Мицпамӕ, Дунедарӕджы размӕ.
Мӕ маст уӕм куы рафыхт, уӕд уын паддзахы радтон ӕмӕ, куы смӕсты дӕн, уӕд уын ӕй фӕстӕмӕ айстон.
Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.
Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ацыдысты Гилгалмӕ. Уым Дунедарӕджы раз Саулы расидтысты паддзахӕй ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрхастой фидыды нывӕндтӕ. Стыр цины бӕрӕгбон сарӕзтой уым Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ.
Алы аз дӕр-иу ӕрзылди Вефил, Гилгал ӕмӕ Мицпайыл ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕтты тӕрхон кодта Израилӕн.