Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 1:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Елкана йын загъта: «Дӕ бар дӕхи. Лӕуу уал, дзидзи йын цалынмӕ дарыс, уӕдмӕ. Дунедарӕгӕн цы дзырд радтай, уый Йын фӕндон уӕд». Сылгоймаг баззади хӕдзары ӕмӕ хаста йӕ лӕппуйы, цалынмӕ дзидзидай уыди, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 1:23
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Дунедарӕг Хуыцау, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн!


Райсомӕй куы сыстадтӕн, уӕд, мӕ лӕппуйӕн бахӕрын кӕнон, зӕгъгӕ, ӕмӕ дын мард куы разынид. Дзӕбӕхдӕр ӕм куы ӕркастӕн, уӕд федтон, мӕн лӕппу нӕу».


Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


йӕ сӕрыхицау та йӕ фехъуыста ӕмӕ ницы загъта, йӕ ныхмӕ нӕ рацыд, уӕд ӕцӕг у йӕ ардбахӕрд, ӕцӕг у йӕ алы тобӕ дӕр.


Додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ!


Йесо Йӕ ныхас куы нӕма фӕци, уӕд Ын адӕмы ’хсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Тӕхудиаг у, Дӕу чи ныййардта ӕмӕ Дӕу йӕ риуы ӕхсырӕй чи фӕхаста, уыцы ныййарӕг!»


Елиа йын загъта: «Цу фарнимӕ. Израилы Хуыцаумӕ дӕ куывд фехъуысдзӕн ӕмӕ дын, цы курыс, уый ратдзӕн».


Саул загъта: «Ахсӕв филистимӕгты фӕдыл абырсӕм ӕмӕ сӕ бастигъӕм. Сӕумӕцъӕхтӕм дзы иу дӕр удӕгасӕй мауал ныууадзӕм». Загътой йын: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн». Фӕлӕ сауджын загъта: «Хуыцауы уал бафӕрсӕм».


Саул Израилы адӕмӕн загъта: «Сымах слӕуут иуӕрдыгӕй, ӕз та мӕ фырт Ионатанимӕ — иннӕрдыгӕй». Саулӕн загътой: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ