24 Згъорӕн фӕзы се ’ппӕт дӕр фезгъорынц, фӕлӕ хӕрзиуӕг иу адӕймагмӕ кӕй ӕрхауы, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ згъоргӕут ӕмӕ райсат хӕрзиуӕг!
Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, уыдон дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’ппӕт фӕндтӕ дӕ къухы цы бафтой, уыцы ахъаз дын бакӕнӕд!
Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.
«Адӕмимӕ фистӕгӕй згъоргӕйӕ, саувӕллад куы бадӕ, уӕд барджытимӕ ерыс куыд кӕндзынӕ? Сабыр зӕххыл-иу куы ахаудтӕ, уӕд Иорданы был пыхсбыны цы фӕуыдзынӕ?
Ӕз пехуымпартӕн хъусын кодтон Мӕ ныхас, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын ӕвдыстон, пехуымпарты уылты ӕмбисӕндтӕ хастон.
Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн куы уат цагъартӕ, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауы коммӕ куы кӕсат, уӕд та уын ӕнӕ сраст уӕвгӕ нӕй.
Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз кӕнын Фарны Уацы сӕраппонд, цӕмӕй йын суон ӕмкусӕг.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз, бӕлвырд нысан кӕмӕн нӕй, уыцы згъорӕгау нӕ дӕн; армӕйхӕцӕгау ӕз уӕлдӕф тымбылкъухӕй дзӕгъӕлы нӕ хойын.
Уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй хъӕуы, уый та мын раргом ис Хуыцауӕй, ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕгтӕн цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй. Хицӕнӕй ма ныхас кодтон номджын хистӕртимӕ, цӕмӕй сбӕлвырд уа, ӕз дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ кусын.
Хорз куы цыдыстут, уӕд уӕ чи бахъыгдардта, цӕмӕй ӕцӕгады коммӕ мауал кӕсат?
Парахат кӕнут царддӕттӕг ныхас. Ӕмӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд мӕ бон раппӕлын уыдзӕни, дзӕгъӕлы кӕй нӕ архайдтон, стӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон, уымӕй.
Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ тындзын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ — Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион.
ӕмӕ тындзын нысанмӕ, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мӕнмӕ цы уӕларвон хӕрзиуӕджы тыххӕй фӕсидти, уый райсынмӕ.
Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.
Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,
Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.