22 Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты.
Уыцы куысты фӕрцы кӕд мӕ бон бауид, мӕ туг, ме стӕг чи у, уыдоны муртаттӕгтӕм хӕлӕгыл бафтауын ӕмӕ дзы уӕд та иуӕй-иуты фервӕзын кӕнын.
Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, ууыл уӕхи ма тигъ кӕнут, ӕмӕ уӕм иу хъуыды кӕй нӕй, уый тыххӕй йемӕ быцӕуыл ма ныллӕуут.
Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты алцы хӕрыны бар дӕр, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.
Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын.
Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй.
Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.
Ды цӕмӕй зоныс, сылгоймаг, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды цӕмӕй зоныс, нӕлгоймаг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?
Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.
Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй фылдӕр адӕм Хуыцаумӕ ӕрхонон.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз кӕнын Фарны Уацы сӕраппонд, цӕмӕй йын суон ӕмкусӕг.
Кӕйдӕр хъару куы асӕтты, уӕд исты мӕ хъару дӕр йемӕ нӕ асӕтты? Исчи куы фӕрӕдийы ӕмӕ куы фӕкӕлы, уӕд иууылдӕр не ссудзын артау?
Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат.