Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй Фарны Уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 9:18
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуымгӕрдӕг йӕ хӕрзиуӕг райсы ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕны мыггагмӕйы цардӕн. Афтӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты.


баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын.


Фӕлӕ кӕд, де ’фсымӕрӕн, цыдӕр хойраг кӕй хӕрыс, уый хъыг у, уӕд, уарзондзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ дӕ хойрагӕй, Чырысти кӕй тыххӕй амард, уыцы ӕфсымӕры ма саф.


Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.


Тауӕг ӕмӕ донхорыггӕнӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕни йӕ хӕрзиуӕг, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ.


Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ, мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъуырнджытӕн цӕлхдур ма суой.


Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы Фарны Уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм.


Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн.


Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын — ӕз аразын, мӕ бӕрны мын цы хъуыддаг бачындӕуы, ӕрмӕст уый.


Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.


Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ