17 Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын — ӕз аразын, мӕ бӕрны мын цы хъуыддаг бачындӕуы, ӕрмӕст уый.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.
иннӕ хай та — сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕн, стӕй ӕрмдӕсныты алы мийӕн. Кӕй ма уӕ фӕнды абон йӕ рӕдау мысайнаг Дунедарӕгӕн рауӕлдай кӕнын?»
Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.
Адӕм арфӕ ракодтой, барвӕндӕй Йерусалимы ӕрцӕрыныл чи сразы ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.
Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!»
Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.
Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.
Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ.
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Пехуымпары, пехуымпар кӕй у, уый тыххӕй чи суазӕг кӕна, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы пехуымпары аккаг хӕрзиуӕг. Рӕстгӕнӕджы, рӕстгӕнӕг кӕй у, уый тыххӕй чи суазӕг кӕна, уымӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы рӕстгӕнӕджы аккаг хӕрзиуӕг.
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?
Хуымгӕрдӕг йӕ хӕрзиуӕг райсы ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕны мыггагмӕйы цардӕн. Афтӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты.
Йӕ арӕзт хъуыддаг кӕмӕн нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг,
Тауӕг ӕмӕ донхорыггӕнӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕни йӕ хӕрзиуӕг, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ.
Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл.
Ӕз Фарны Уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн — уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, Фарны Уац адӕммӕ куынӕ хӕссон, уӕд!
Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй Фарны Уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын.
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн Фарны Уац хъусын кӕнын, Петрӕн сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын куыд баргонд у, афтӕ.
Ӕз сдӕн Йӕ уыцы Аргъуаны кусӕг, цӕмӕй саразон, уӕ пайдайӕн мын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый — сымахӕн Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.
Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта Фарны Уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у — архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл.
Фӕлӕ мӕ де ’вастӕй ницы бакӕнын бафӕндыд, цӕмӕй дӕ уыцы хорз хъуыддаг ӕвӕндонӕй арӕзт ма ӕрцӕуа, фӕлӕ — барвӕндонӕй.