Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Бардарӕджы сӕраппонд цы фӕллой бакодтон, сымах уый не стут, ӕви?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 9:1
37 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».


Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой:


Сахары адӕм фӕдих сты: иутӕ иудейӕгты фарс уыдысты, иннӕтӕ та — апостолты.


Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».


Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.


Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».


Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст рухс ӕртыхсти.


Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын».


Павелӕй, Хуыцау кӕмӕ фӕсидти ӕмӕ Йӕ Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бахӕс кодта, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй.


Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл.


Сымахӕн, муртаттӕгтӕн, зӕгъын: куыд муртаттӕгты апостол, афтӕ ӕз буц дӕн, мӕ бӕрны цы куыст ис, уымӕй.


Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй —


Ӕз сымах ӕфсармы тыххӕй нӕ, фӕлӕ уыцы адӕймаджы ӕфсармы тыххӕй зӕгъын. Мӕ сӕрибарӕн мын кӕйдӕр ӕфсарм цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа тӕрхонгӕнӕг?


Кӕд мӕ къӕбӕр, Хуыцауӕй бузныг уӕвгӕйӕ, хӕрын, уӕд, бузныг цӕмӕй дӕн, уый тыххӕй мын исчи цӕмӕн хъуамӕ бауайдзӕф кӕна?


Фӕлӕ кӕд уыдӕтты тыххӕй искӕй быцӕу кӕнын фӕнды, уӕд мах дӕр ӕмӕ Хуыцауы аргъуантӕ дӕр ахӕм ӕгъдауыл хӕст не стӕм.


Ӕз байтыдтон, Аполлос ӕй бафсӕста донӕй, фӕлӕ хор Хуыцау радта.


Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй фылдӕр адӕм Хуыцаумӕ ӕрхонон.


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр уыйау Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл.


Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз уыцы «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.


Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.


Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,


Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.


Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.


Уымӕ гӕсгӕ Уый мӕн сӕвӕрдта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ — ӕцӕг зӕгъын, нӕ сайын! — уырнындзинад ӕмӕ ӕцӕгад амонӕгӕй.


Уыцы Фарны Уацы фидиуӕг, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕг сдӕн ӕз Хуыцауы фӕндӕй!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ