13 Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.
Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».
Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].
Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн тӕрхон мауал кӕнӕм. Уый нӕ, фӕлӕ архайут, цӕмӕй уе ’фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бацӕуа.
Фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ, де ’фсымӕр цӕуыл фӕкӕла, ахӕмӕй дӕр мацы кӕн.
Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейӕгтӕн, нӕдӕр бердзенӕгтӕн, нӕдӕр Хуыцауы Аргъуанӕн,
Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.
ӕнӕуаг митӕ нӕ кӕны, хи пайдамӕ нӕ тырны, нӕу мӕстыгӕр, маст йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон.
Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы Фарны Уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм.
Кӕйдӕр хъару куы асӕтты, уӕд исты мӕ хъару дӕр йемӕ нӕ асӕтты? Исчи куы фӕрӕдийы ӕмӕ куы фӕкӕлы, уӕд иууылдӕр не ссудзын артау?
Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа.