36 Кӕд искӕмӕ, йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи — йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй ницы тӕригъӕды бацӕудзӕн.
Устытӕ курут ӕмӕ цот уадзут, уӕ фырттӕн устытӕ хӕссут ӕмӕ уӕ чызджыты моймӕ дӕттут, цӕмӕй уыдонӕн дӕр цот цӕуа. Ма фӕкъаддӕр ут, фӕлӕ сбирӕ ут уыцы зӕххыл.
Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый.
Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.
Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ дзурын, уӕ пайдайӕн цы у, ууыл, цӕмӕй Бардарӕгӕн кусат, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна.
Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта ӕмӕ йӕ уыцы фӕнд аивыны хъуыды кӕмӕ нӕй, уый раст кӕны.
Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усы цард кӕнын хуыздӕр у.
Мӕ нывондхӕссӕнӕй нӕ фӕиртасдзынӕн дӕ байзӕддаджы — уым баззайдзысты, цӕмӕй дӕ цӕсты рухс батар уа мастӕй ӕмӕ дӕ зӕрдӕ рисса. Се ’ппӕт дӕр мӕлдзысты сӕ тӕккӕ лӕджы кары.