35 Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ дзурын, уӕ пайдайӕн цы у, ууыл, цӕмӕй Бардарӕгӕн кусат, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна.
Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ, иннӕты та адӕм бардызтой. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд ус курыныл йӕ къух чи систа, ахӕмтӕ дӕр. Афтӕ бакӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».
Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы исты ныхасӕй куыд ӕрцахсой, уый фӕдыл.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.
Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.
Ӕниу, ус куы ракурай, уӕд уымӕй тӕригъӕды не ’фтыс; ӕмӕ, чызг мой куы скӕна, уӕд уый дӕр уымӕй тӕригъӕды не ’фты. Фӕлӕ ахӕмтӕ сӕ царды ӕвзардзысты зынтӕ, ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ риссы.
Кӕд искӕмӕ, йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи — йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй ницы тӕригъӕды бацӕудзӕн.
Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн уӕм хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа — сыгъдӕджытӕн афтӕ не ’мбӕлы.
Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.
хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.
Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,