Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 7:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ — цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 7:30
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.


кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;


мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.


Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.


Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.


Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.


Тӕхудиаг стут, абоны ӕххормӕгтӕ, — Хуыцау уӕ бафсаддзӕн. Тӕхудиаг стут, абон кӕугӕ чи кӕны, уыдон, — сымах худдзыстут.


Сар уӕ сӕр, абоны фырӕфсӕстытӕ, — сымах сыстонг уыдзыстут. Сар уӕ сӕр, абоны цингӕнджытӕ, — сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут.


Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.


Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ усджынтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕхи дарой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ.


Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ, мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы.


Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ