18 Сунӕтгондӕй дӕм фӕсидти Хуыцау — ма йӕ сусӕг кӕн; ӕнӕсунӕтӕй дӕм фӕсидти — сунӕт ма скӕн.
Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм.
Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.
Сыгъдӕг Удимӕ иумӕ мах аскъуыддзаг кодтам ӕмӕ уыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрӕм, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:
Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.
Дӕу тыххӕй сын радзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгты ӕхсӕн чи цӕры, уыцы иудейӕгты ды се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕныс Моисейы Ӕгъдау ныууадзыныл, сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт нӕ кӕныныл ӕмӕ не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыныл.
Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.