Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 6:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 6:15
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Йосеф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ бакӕнон, уымӕн уӕвӕн нӕй. Синон кӕмӕ разынди, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ».


Ӕрцӕудзӕн, уыцы ӕххуырст кусджыты ныццӕгъддзӕн ӕмӕ йӕ сӕндон ратдзӕн ӕндӕртӕн». Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизӕд!»


афтӕ мах дӕр, бирӕ адӕм, Чырыстиимӕ иу буар стӕм, хицӕнтӕй та — иу буары алы уӕнгтӕ.


Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.


Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Науӕд Хуыцау дунейӕн куыд тӕрхон кӕнид?


Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы!


Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?


Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе ’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.


Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый.


Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.


Сымах Чырыстийы буар стут, хицӕнтӕй та — Йӕ буары уӕнгтӕ.


Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та — хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕ, фӕлӕ Бардарӕгӕн у, Бардарӕг та буарӕн дӕр йӕ хицау у.


Бардарӕгимӕ чи баиу вӕййы, уый та монон ӕгъдауӕй Йемӕ иу у.


Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,


Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу?


Кӕд Чырыстийы фӕрцы тырнӕм нӕхи сраст кӕнынмӕ ӕмӕ уӕддӕр тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕд уый, мыййаг, афтӕ амоны, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн кусӕг у? Ницы хуызы!


Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.


Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд — раппӕлдзынӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та — дунейӕн.


цӕмӕй уыдон сыгъдӕджыты цӕттӕ кӕной Хуыцауӕн уазлӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй рӕза Чырыстийы Буар,


Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы сӕрыхицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары — Аргъуаны — Ирвӕзынгӕнӕг дӕр.


уымӕн ӕмӕ мах Йӕ Буары уӕнгтӕ стӕм.


Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ