Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 5:9
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»


Фӕлӕ зӕххы цъары хӕлд адӕм, кӕрӕфтӕ, стигъджытӕм, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ ӕмхуызонӕй нӕ уыдысты мӕ хъуыдыйы, — уӕд уӕ ацы дуне ныууадзын бахъӕуид.


Хъал уӕвыны бӕсты сымахӕн кӕуын ӕмбӕлы! Уыцы хъуыддаг чи бакодта, уый нӕ фӕсырдтат уе ’хсӕнӕй.


Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд.


Ӕнӕуырнджытимӕ иу уӕрдоны уӕхи ма баифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг?


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ