Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 бакӕнӕм сайтаны бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Бардарӕг тӕрхон куы кӕна, уыцы Бон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 5:5
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Дӕ къухты ис, — загъта Дунедарӕг. — Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн, ӕрмӕст ӕй удӕгасӕй ныууадз».


Адӕмтӕн рахӕсдзӕни тӕрхон, мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕни бӕстӕ, ӕгас зӕххыл хицӕутты сӕртӕ ныссӕтдзӕн.


уисӕй йӕ бафхӕрдзынӕ, фӕлӕ йӕ мӕрдтыбӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕ.


Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, ӕфхӕлд дӕр буары нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.


Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».


Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара!


цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.


Ӕмӕ уӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йе ’рцыды бон уат ӕназым.


Фӕлӕ нын Бардарӕг тӕрхон куы фӕкӕны ӕмӕ нӕ куы бафхӕры, уӕд нӕ Уый афтӕмӕй сраст кӕны, цӕмӕй нын иннӕ дунеимӕ иумӕ тӕрхон ма кӕна.


Фӕлӕ уырнджытӕн сымах тӕрхон цӕуылнӕ кӕнут? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Фӕсурут уе ’хсӕнӕй хӕлд адӕймаджы!».


Ӕмӕ бынтондӕр куы басӕттат, уӕд мах цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнддзинад бафхӕрынмӕ дӕр.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.


Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.


Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон сайтаны бар, цӕмӕй Хуыцауы фауын ферох кӕной.


Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.


ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы ӕрцыды бонмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ апырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты.


Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ