12 Ӕнӕуырнджытӕн ӕз цӕмӕн хъуамӕ тӕрхон кӕнон? Уыдонӕн Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг.
Йесо сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыгӕй амындӕуы,
Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ сӕвӕрдта сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ уӕ хъаст ӕвзарӕгӕй?»
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй Ӕз иудейӕгты къухмӕ ма бахауон. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу».
Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.
Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут.
Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.