Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фӕлӕ зӕххы цъары хӕлд адӕм, кӕрӕфтӕ, стигъджытӕм, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ ӕмхуызонӕй нӕ уыдысты мӕ хъуыдыйы, — уӕд уӕ ацы дуне ныууадзын бахъӕуид.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 5:10
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.


Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.


Ды Мын дунейӕ цы адӕмы радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас.


Ӕз дунейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Ды Мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй кувын, уымӕн ӕмӕ Дӕу сты.


Йесо сын загъта: «Сымах ацы зӕххӕй стут, Ӕз та — уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.


Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста?


Ӕнӕуырнджытӕй уӕ исчи куы фӕхона ӕмӕ уӕ ацӕуын куы бафӕнда, уӕд уын цы ӕрӕвӕрой, уый бахӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.


Ӕз уӕм фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй та хӕтаг, кӕрӕф, мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг, цъыфкалӕг, расыггӕнаг кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут.


Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй.


Ацы дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, кадылдзурӕг Фарны Уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.


Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй.


цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,


Уыдон дунейӕ сты ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзийы, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы.


Зонӕм ӕй: мах Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, дуне ӕнӕхъӕнӕй та хӕйрӕджы уацары ис.


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ