Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 4:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 4:19
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй.


Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».


Йӕ балцы рӕстӕг йӕ ныхасӕй ныфс лӕвӕрдта уырнджытӕн. Афтӕмӕй бахӕццӕ Бердзенмӕ.


Ӕмӕ уӕм, Хуыцауы фӕндӕй, уӕд зӕрдӕрухсӕй фӕзындзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрулӕфдзӕн уемӕ.


Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд йӕ хӕдзары бахӕрӕд. Уе ’мбырдтӕ уын хъуамӕ сӕ фӕдыл тӕрхон ма сайой. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, мӕхӕдӕг уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд.


Мӕ зӕрдӕ уе ’ппӕтӕн дӕр зӕгъы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, ноджы тынгдӕр та — пехуымпариуӕг кӕнын. Ӕвзӕгтыл дзурӕг аргъуан сфидар кӕныны сӕраппонд йӕ ныхас куынӕ ӕмбарын кӕна, уӕд пехуымпариуӕггӕнӕг ӕвзӕгтыл дзурӕгӕй уӕлдӕр у.


Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, ӕгас Македонийыл куы ӕрзилон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрды Македонийыл ӕрзилын ис.


Нӕ мӕ фӕнды сымахмӕ ӕхстуадӕй бауайын — Бардарӕджы фӕндӕй, иу цасдӕр уӕм кӕй фӕуыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ дарын.


Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,


Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты — афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн.


Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл — иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕуыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат.


Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.


Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ уӕ тӕрсын кӕнын мӕ фыстӕджытӕй.


Хуыцау фадат куы ратта, уӕд нӕ къухы бафтдзӕни дарддӕр ацӕуын.


«Бардарӕджы куы бафӕнда, уӕд мах уыдзыстӕм удӕгас ӕмӕ сараздзыстӕм уый дӕр ӕмӕ уый дӕр», — афтӕ дзурыны бӕсты


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ