20 Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Дунедарӕг зоны, зондджынты хъуыдытӕ мӕнг кӕй сты, уый».
Цӕмӕн змӕнтынц адӕмтӕ, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд цӕмӕн нывӕндынц дзыллӕтӕ?
Ӕз смӕсты дӕн ӕмӕ расомы кодтон: «Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон».
Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.