19 Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕны».
Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».
Ахитофелы уынаффӕтӕ уыцы заман нымад уыдысты, цыма исчи зондамынд Хуыцауӕй куырдта, уыйау. Ахӕм кад ын кодтой йӕ алы уынаффӕйӕн Давид дӕр ӕмӕ Авессалом дӕр.
Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.
Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.
Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.
Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.
Исты ӕрхъуыды хъӕуы, цӕмӕй бынтон ма ныббирӕ уой, уый тыххӕй. Науӕд, хӕст райдыдта, зӕгъгӕ, уӕд нӕ фыдгултимӕ баиу уыдзысты, нӕ ныхмӕ ралӕудзысты ӕмӕ сӕхи айсдзысты нӕ бӕстӕй».
Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».
Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.
Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.
Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,
Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл — иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕуыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат.
Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.
Уый нӕу уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ у зӕххон, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй рацӕугӕ, хӕйрӕджы лӕвӕрд.