Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 3:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 йӕ хъуыддаг кӕмӕн басудза, уый та баййафдзӕни зиан. Ӕниу йӕхӕдӕг фервӕздзӕни, фӕлӕ — артӕй раирвӕзӕгау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 3:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг, сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дунедарӕг сайтанӕн загъта: «Сайтан! Йерусалим Чи сӕвзӕрста, уыцы Дунедарӕг дын бар ма раттӕд! Уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг у, артӕй цы ’хсидав фелвӕстӕуы, уыйау!»


Адӕм хойраджы хъӕстӕ рагӕй нал фесты. Павел рацыд сӕ размӕ ӕмӕ загъта: «Хорз адӕм, хъуыди уӕ мӕ коммӕ бакӕсын ӕмӕ Криты баззайын. Уӕд ацы бӕллӕх нӕ бавзӕрстаиккам ӕмӕ ныл зиан не ’рцыдаид.


иннӕтӕ та исты амӕлттӕ кӕной фервӕзынӕн — чи фӕйнӕгыл, чи та науы гӕбазыл. Афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр раирвӕзтыстӕм зӕхмӕ.


«Кӕд рӕстгӕнӕг зынтӕй ирвӕзы, уӕд ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын та цы фӕуыдзӕн?»


Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.


иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.


Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ