12 Уыцы бындурыл чи цӕмӕй аразы — сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕви хъӕдӕй, хосӕй кӕнӕ хъӕмпӕй —
О Дунедарӕг, ратт уӕлахиз паддзахӕн! Фӕдисхъӕр Дӕм куы ныккӕнӕм, уӕд-иу нӕ фехъус!
Адӕм Мысыры алы къуымты ныххӕлиу сты ӕмӕ хъӕмпы бӕсты кӕрддзых ӕмбырд кодтой.
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау, науӕд дӕ фӕзылынджын кӕндзӕн, ӕмӕ сайӕгой разындзынӕ.
Мӕ зондамынд уын ӕвзистӕй зынаргъдӕр суӕд, зонынадӕн сыгъзӕринӕй фылдӕр аргъ кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕлзонд налхъуыт-налмастӕй хуыздӕр у, цӕмӕ фӕбӕллынц, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
Ӕрхуыйы бӕсты дӕ ифтонг кӕндзынӕн сыгъзӕринӕй, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзистӕй, хъӕдӕрмӕджы бӕсты — ӕрхуыйӕ, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнагӕй, дӕ хицау суыдзӕни рӕстад.
Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.
Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.
Бындур ӕвӕрд у, ӕмӕ ӕндӕр бындур сӕвӕрын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд бындур Йесо Чырысти у.
алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг рабӕрӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг бафӕлвардзӕн арт, ӕмӕ арты сбӕрӕг уыдзӕн, цавӕр ын у, уый.
Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.
Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, сӕ худинаггагмӕ гӕсгӕ кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы Дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.
Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы,
Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд чи у, ахӕмтӕ дӕр, зынаргъ мигӕнӕн дзы куыд ис, афтӕ дзы ис хуымӕтӕг дурын дӕр.
Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.
иудадзыг цыдӕртӕ чи ахуыр кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕмты.
Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ;
Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.
Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.
Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.
Сахары къул уыдис яшмӕйӕ, сахар йӕхӕдӕг та — ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.
Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.