11 Бындур ӕвӕрд у, ӕмӕ ӕндӕр бындур сӕвӕрын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд бындур Йесо Чырысти у.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Хуыцау мын цы хорзӕх ракодта, уый фӕрцы зондджын аразӕгау ӕз сӕвӕрдтон бындур, иннӕ та уыцы бындурыл амайы. Фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг кӕса, куыд аразы, уымӕ.
Уыцы бындурыл чи цӕмӕй аразы — сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕви хъӕдӕй, хосӕй кӕнӕ хъӕмпӕй —
Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.
Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».
Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ — цардӕгас Дурмӕ.