11 Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.
Ӕви Хуыцауы ӕмбырды уыдтӕ ӕмӕ ӕппӕт уӕлзонд дӕр дӕхи бакодтай?
Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.
Адӕймаджы мон — Дунедарӕджы цырагъ, цӕрдхуынкъӕй йӕ рухсдзыд скӕны.
Адӕймаджы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕйы денджызау арф сты, фӕлӕ сӕ зондджын раргом кӕны.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Иуӕн уд йӕ ныхасы бавӕры уӕлзонд, иннӕмӕн — зонынад,
Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр.