3 Куы ӕрцӕуон, уӕд, аккагыл кӕй банымайат, уыдоны фыстӕджытимӕ арвитдзынӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй уын уӕ лӕвар фӕхӕццӕ кӕной.
Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд йӕ хӕдзары бахӕрӕд. Уе ’мбырдтӕ уын хъуамӕ сӕ фӕдыл тӕрхон ма сайой. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, мӕхӕдӕг уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд.
Кӕд дзы уыцы сӕр бахъӕуа, ӕмӕ мӕхӕдӕг ацӕуон, уӕд уыдон дӕр мемӕ ацӕудзысты.
Афтӕ нӕ уайы, цыма та уын мах дӕр ногӕй, мӕнӕ куыд хорз стӕм, зӕгъгӕ, нӕхи бацамоныныл архайӕм? Кӕйдӕрты сӕхицӕй ӕппӕлыны сӕр куыд хъӕуы, афтӕ махмӕ дӕр хъуамӕ ахӕм фыстӕджытӕ уа сымахӕн равдисынӕн, кӕнӕ уын сӕ уӕхицӕй хъуамӕ райсӕм?
Хъуырыцъарӕй нын лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын бар раттӕм, ӕмӕ уыдон дӕр, сӕ бон куыд у, афтӕ се ’ххуысы хай бакӕной сыгъдӕджытӕн.
Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна.