18 Сымахау мӕнӕн дӕр удӕнцой ӕрхастой. Ахӕмтӕ уӕм нымады уӕнт!
Хуымгӕрдӕнты тӕмӕны — уазал мит — уый ӕнгӕс у ӕууӕнкджын минӕвар йе ’рвитӕгӕн; йӕ хицауы зӕрдӕ дзы райы.
Дойныйӕ чи мӕлы, уымӕн уазал дон нуазын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ’хцон у хорз уац дард бӕстӕй.
Ӕмӕ уӕм, Хуыцауы фӕндӕй, уӕд зӕрдӕрухсӕй фӕзындзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрулӕфдзӕн уемӕ.
Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм — сымах ын уе ’ппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.
Ӕз уӕм ӕй уымӕн ӕрвитын, цӕмӕй уын радзура нӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ уын барӕвдауа уӕ зӕрдӕтӕ.
Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: нымайут, зӕрдиагӕй уӕм чи лӕггад кӕны ӕмӕ уын зонд чи амоны, Хуыцауы раз чи лӕууы, уыцы хистӕрты.
Уӕдӕ, ме ’фсымӕр, мӕн фӕнды, Бардарӕг Йесоимӕ иу кӕй стӕм, уый фӕрцы дӕуӕй фӕпайда кӕнын; Чырыстийы сӕраппонд мын барухс кӕн мӕ зӕрдӕ.
Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.
Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.
Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй.