7 Уый фӕстӕ Йӕхи равдыста Йаковмӕ, фӕстӕдӕр — ӕппӕт апостолтӕм.
Уыйадыл фестадысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты. Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ уым ӕмбырдӕй баййӕфтой.
Уыдӕттыл куы ныхас кодтой, уӕд Йесо Йӕхӕдӕг се ’хсӕн ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»
Ӕмӕ сӕ сахарӕй Вифанийы онг ракодта. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ сын арфӕ ракодта.
Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.