55 Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргӕйдзаг фат?»
Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау, похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл.
Уымӕн ӕмӕ сын иу фидӕн ис: фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр мӕлынц, иу уӕлдӕфӕй улӕфынц, адӕймаг фосӕй хуыздӕр ницӕмӕй у. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фесӕфдзысты.
Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.
Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.
Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.
уымӕн ӕмӕ Ды мӕн нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты, Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.
Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын».
Фӕлӕ мӕлӕт Адамы заманӕй Моисейы заманмӕ дӕр ӕлдариуӕг кодта, Адам кӕй ракодта, уыцы тӕригъӕды чи нӕ бафтыд, уыдоныл дӕр. Адам та у, фидӕны Чи хъуамӕ ӕрцыдаид, Уымӕн Йӕ развӕлгонц.
Тӕригъӕд — уый у мӕлӕты маргӕйдзаг фат; тӕригъӕд та хъару Ӕгъдауӕй райсы.
Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых.