49 Ӕмӕ мах, сыджытӕй конд адӕймаджы хуызӕн куыд уыдыстӕм, афтӕ уыдзыстӕм Уӕларвоны хуызӕн дӕр.
Адамыл дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Шет. Шет уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта.
Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг.
Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд.
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.