46 Раздӕр вӕййы монон нӕ, фӕлӕ ӕрдзон, монон та — ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ.
Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг — Адам — сси удгоймаг», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг Уд.
Фыццаг адӕймаг у зӕххон, сыджытӕй конд, дыккаг Адӕймаг та — уӕларвон.
Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.