43 байтыдӕуы ницӕйагӕй, райгас вӕййы кадджынӕй; байтыдӕуы лӕмӕгъӕй, райгас вӕййы тыхджынӕй;
Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.
Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.
Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
Йесо сын дзуапп радта: «Мӕнмӕ хӕйрӕг ницы бар дары. Ӕз Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут.
Хуыцау Йӕ хъаруйӕ райгас кодта Бардарӕджы — райгас кӕндзӕни мах дӕр.
Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ, Хуыцауы хъаруйӕ, Йемӕ сӕрӕгас уыдзыстӕм.
Мӕ нысан у Чырыстийы, ома мӕрдтӕй Йӕ цы тых райгас кодта, уый базонын, Йӕ хъизӕмӕртты хай Йын бавзарын ӕмӕ, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын,
Уӕ цард — Чырысти — куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ кад дӕр.