35 Исчи бафӕрсдзӕн: «Куыд райгас уыдзысты мӕрдтӕ? Ӕмӕ цавӕр буары ӕрцӕудзысты?»
Адӕймаг йе ’нӕзондӕй зондджын ныхӕстыл схӕцы, афтӕмӕй хъӕддаг хӕрӕгӕй уӕлдай ницы ӕмбары.
Ды зӕгъдзынӕ: „Хуыцау цы зоны? Саудалынджы цы хъуамӕ равзара?
Цӕмӕн айстай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух? Сис Дӕ къух ӕмӕ сӕ бабын кӕн!
Царды комулӕфт кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы гуыбыны сывӕллоны стджытӕ куыд сӕвзӕрын кӕны, уый куыд ничи зоны, афтӕ, алцы Кӕй архайды фӕрцы сырӕзы, уыцы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр ничи бамбардзӕн.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».
Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ райгас уыдзысты, цымӕ?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Дунедарӕг Хуыцау! Уый Ды зоныс ӕрмӕстдӕр».
Никодим бадис кодта: «Карджын адӕймаг ма ногӕй куыд хъуамӕ райгуыра? Ау, дыккаг хатт мады гуыбынмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ногӕй райгуырдзӕн?»
Никодим Ӕй бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?»
Уӕд ӕй фарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?»
Исчи мӕ, чи зоны, бафӕрса: «Уӕдӕ ма нӕ цӕмӕй зылын кӕны? Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?»
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.