30 Ӕмӕ мах дӕр ӕрвылсахат цӕй тыххӕй вӕййӕм тӕссаг уавӕрты?
Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Ӕвиппайды тыхджын уад сыстади, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ бӕлццӕттӕ тӕссаг уавӕры бахаудтой.
Науӕд мӕрдты сӕраппонд цӕй охыл райсынц аргъуыд? Кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд цӕмӕн райсынц аргъуыд мӕрдты сӕраппонд?
Ӕфсымӕртӕ, ӕз алы бон дӕр мӕлгӕ кӕнын: нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы сымахӕн цы сарӕзтон, ӕз уымӕй буц дӕн, ӕмӕ мын уый дӕтты афтӕ зӕгъыны бар.
ӕнӕхъуыстгонд нӕ хонынц, фӕлӕ нӕ бирӕтӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; мардӕфхӕрд нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.
Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид.