19 Ӕмӕ, кӕд Чырыстийыл ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм нӕ зӕрдӕ, уӕд ӕппӕт адӕмы ’хсӕн махӕй ӕнамонддӕр нӕй.
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Нӕ цард къаддӕр цы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ цы ныхӕстӕй кӕны, уыдон бирӕ сты, ницы пайда сӕ ис!
Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.
Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.
Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.
Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
нӕ Фыд Хуыцауы раз, мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинад уӕ цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны ӕмӕ уарзтимӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ныфсӕй цы фӕллой кӕнут ӕмӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ стут, уый.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Никӕцы хӕстон лӕг бацӕудзӕн ӕрвылбоны царды сагъӕсты цъысымы — уый ӕрмӕстдӕр уымӕ тырны, цӕмӕй дзы йе ’фсӕддон хицауы зӕрдӕ райгонд уа.
Ӕниу, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕстӕ сыгъдӕгӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты.
Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».