17 Ӕмӕ, Чырысти кӕд нӕ райгас, уӕд уӕ уырнындзинадӕй пайда нӕй ӕмӕ нырма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут.
Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах дзурут: ‚Нӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ ныл нӕ тӕригъӕдтӕ уӕз кӕнынц! Мӕлӕты къахыл куы лӕууӕм, уӕд цы фӕуӕм?‘ “
Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахизфарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ.
Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм.
Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!
Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд, цы уац хъусын кӕнӕм, уый дӕр дзӕгъӕлы у, ӕмӕ уӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у.
Уымӕн ӕмӕ, кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас.
Уыцы Уацы фӕрцы фервӕздзыстут, кӕд ӕмӕ, цы уын фехъусын кодтон, ууыл фидар хӕцат, уӕд; кӕд нӕ — уӕд дзӕгъӕлы баууӕндыдыстут.
Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.
Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —