11 Уӕдӕ мах — ӕз дӕр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр — уыцы Фарны Уац хъусын кӕнӕм, ӕмӕ йыл сымах баууӕндыдыстут.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас, кӕд Фарны Уац ууыл дзуры, уӕд сымахӕй иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, зӕгъгӕ?
Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.