1 Ноджы ма уын иу хатт уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм цы Фарны Уац ӕрхастон, уый; сымах ӕй райстат уӕ зӕрдӕмӕ, сси уӕ царды бындур.
Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.
Муртаттӕгтӕ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый фехъуыстой, Иудейы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.
Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.
Афтӕ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй, ды та дӕ уырнындзинады фӕрцы фидар дӕ. Ӕмӕ сӕрыстыр ма у, фӕлӕ дӕм тас уӕд.
Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.
Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.
Ӕз байтыдтон, Аполлос ӕй бафсӕста донӕй, фӕлӕ хор Хуыцау радта.
Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.
Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.
Ӕмӕ сымах бафӕзмыдтат мах ӕмӕ Бардарӕг Йесойы. Уӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, Фарны Уац уӕ зӕрдӕтӕм айстат, Сыгъдӕг Уд цы циндзинад ратты, уыимӕ.
Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ, махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ — Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ.
Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.
Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл.