8 Уӕдӕ хӕстон сыкъауадындзӕй бӕлвырд зӕлтӕ куынӕ хъуыса, уӕд хӕстмӕ йӕхи чи ӕрцӕттӕ кӕндзӕн?
Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?
Знаг уӕм куы ӕрбабырса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы хӕцат уӕ зӕххыл, уӕд-иу фӕдисы уаст ныккӕнут сыкъауадындзтӕй, ӕмӕ Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ фервӕздзыстут уе знӕгтӕй.
Ӕнӕуд дзауматӕ, уадынгӕрзтӕ, райсӕм — уадындз кӕнӕ фӕндыр, зӕгъӕм. Сӕ зӕлтӕ кӕрӕдзийӕ куынӕ хицӕн кӕной, уӕд куыд базындӕуыдзӕн, цавӕр мелоди цӕгъдынц, уый?