Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 14:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Кӕд исчи йӕхи пехуымпарыл кӕнӕ Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд курдиаты хицауыл нымайы, уӕд бамбарӕд: ӕз уӕм цы фыссын, уый Бардарӕг бафӕдзӕхста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 14:37
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, йӕ зонынад Иууылбӕрзондӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый.


Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».


Хуыцау мын Йӕ хорзӕх кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ уӕ алкӕмӕн дӕр зӕгъын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алкӕмӕн дӕр Хуыцау уырнындзинад цас радта, уымӕ гӕсгӕ раст аргъ кӕнут уӕхицӕн.


Пехуымпартӕ дӕр дзурӕнт дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ, иннӕтӕ та сын сӕ ныхас ӕвзарӕнт.


Хуыцауы дзырд исты сымахӕй рацыди кӕнӕ ӕрмӕст сымахмӕ бахъардта?


Уыдӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уымӕн йӕхи дӕр ницӕмӕ дардӕуы.


Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн та аргъ кӕнын никӕй бон у.


Ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы Удӕй хайджынтимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, мӕ бон уемӕ афтӕ дзурын нӕ уыд. Ӕз уемӕ дзырдтон тӕригъӕдджын мондӕгтӕн коммӕгӕстимӕ дзурӕгау. Уымӕн ӕмӕ уӕ чырыстон уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сымах нырма дзидзидайтӕ стут.


Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Бардарӕг ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ Бардарӕджы хорзӕхӕй хайджын чи у ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын.


Фӕлӕ уыцы ус, мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ (мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕз дӕр Сыгъдӕг Удӕй хайджын дӕн), куынӕуал смой кӕна, уӕд амондджындӕр уыдзӕн.


Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.


Уымӕн ӕмӕ, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ нӕхи ӕрӕмных кӕнынмӕ кӕнӕ уыдоныл нӕхи абарынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиуыл — уый ӕнӕзонд ми у.


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр уыйау Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл.


Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын Кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм мон ӕмӕ тынг хорз фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм Фарны Уацмӕ.


Йӕ буары ӕрдзыхъӕд бафсадынӕн чи тауы, уый мӕлӕт ӕркӕрддзӕни; Уды хуымы чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард.


Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.


Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Афтӕмӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг моны.


Фӕлӕ сымахӕй, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рох ма уӕд, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы апостолтӕ рагагъоммӕ цы загътой, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ