34 Сылгоймӕгтӕ аргъуаны сӕ дзых ма гом кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ сын дзурын не ’мбӕлы, фӕлӕ сӕ бынат зонӕнт, — афтӕ зӕгъы Ӕгъдау дӕр.
Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».
Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, сылгоймагӕн бӕгъӕмсарӕй Хуыцаумӕ кувын фидауы?
Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.
Бӕгъӕмсарӕй цы сылгоймаг кувы кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕны, уый дӕр йӕхи ӕмӕ йӕ хицауы ӕгад кӕны — ахӕм сылгоймаг дастсӕрӕй уӕлдай нӕу.
Ӕгъдауы фыст ис: «Ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлон ныхасыздӕхтӕй дзурдзынӕн ацы адӕмимӕ, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр нӕ фехъусдзысты», — зӕгъы Дунедарӕг.
Кӕд сӕ исты базонын фӕнды, уӕд хӕдзары бафӕрсӕнт сӕ лӕгты, уымӕн ӕмӕ сылгоймагӕн аргъуаны ныхас кӕнын худинаг у.
Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.
Устытӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.
уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.