32 Пехуымпар хъуамӕ йӕ удӕн фӕтк дӕттын зона,
Елисейы размӕ Вефилы пехуымпартӕ рацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!»
Елисейы размӕ рауадысты сахары пехуымпартӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!»
Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.
Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.
уе ’ппӕты бон дӕр у радгай пехуымпариуӕг кӕнын, цӕмӕй иууылдӕр ахуыр кӕной ӕмӕ сӕ бауагъдӕуа ныфс.
уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕмтъерыйы Хуыцау нӕу, фӕлӕ у фарндӕттӕг Хуыцау. Уыцы фарнӕй хайджын сты сыгъдӕджыты ӕппӕт аргъуантӕ.
цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.
Зӕд мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Бардарӕг Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».