30 Фӕлӕ чи бады ӕмӕ хъусы, уыдонӕй искӕмӕн Хуыцауӕй исты куы раргом уа, уӕд, дзургӕ чи кӕны, уый банцайӕд —
Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн, цалынмӕ сымах уынаффӕтӕ кодтат ӕмӕ ныхӕстӕ агуырдтат, уӕдмӕ.
Уӕдӕ уын цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.
Пехуымпартӕ дӕр дзурӕнт дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ, иннӕтӕ та сын сӕ ныхас ӕвзарӕнт.
уе ’ппӕты бон дӕр у радгай пехуымпариуӕг кӕнын, цӕмӕй иууылдӕр ахуыр кӕной ӕмӕ сӕ бауагъдӕуа ныфс.
Ныр уӕм ӕрцыдтӕн, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, зӕгъгӕ, уӕд уын цы пайда фӕуыдзынӕн, Хуыцауӕй мын цы раргом, ахӕмӕй исты — зонынад, пехуымпарад кӕнӕ ахуырад куы не ’рхӕссон, уӕд?