Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 14:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕдӕ уын цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 14:26
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.


лӕггадгӕнӕджы курдиат кӕмӕ ис — лӕггад кӕнӕд; ахуыргӕнӕг чи у — ахуыр кӕнӕд иннӕты;


Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.


Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй.


Уӕдӕ цы бакӕнон? Кувдзынӕн удӕй, кувдзынӕн зондӕй дӕр, зардзынӕн удӕй, зардзынӕн зондӕй дӕр.


Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый адӕмӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн дзуры. Ничи йӕ ӕмбары — Уды хъаруйӕ сусӕгдзинӕдтӕ дзуры.


Кӕд исчи ӕндӕр ӕвзагыл дзуры, уӕд дзурӕнт дыууӕйӕ, тӕккӕ фылдӕр ӕртӕйӕ, уымӕй дӕр радгай, иу та йӕ ӕмбарын кӕнӕд.


Ӕппӕт дӕр уӕд нывыл ӕмӕ ӕгъдауыл.


Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй.


Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.


цӕмӕй уыдон сыгъдӕджыты цӕттӕ кӕной Хуыцауӕн уазлӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй рӕза Чырыстийы Буар,


Уый у, йе уӕнгтӕ кӕрӕдзиуыл ӕнгом кӕмӕн хӕцынц, уыцы Буары иугӕнӕг: алы уӕнг дӕр кӕны йӕхи куыст, ӕмӕ афтӕмӕй Буар ӕгасӕй дӕр рӕз хӕссы ӕмӕ арӕзт цӕуы уарзондзинады фӕрцы.


Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.


Куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ монон зарджытӕ; зӕрдиагӕй зарут ӕмӕ стаут Бардарӕджы.


Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг — ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ